Гафез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 33 сæр

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 33 сæр
Рафыссын
Цопан æмæ Залихан уæлбылæй куы æркастысты Саргъаумæ, - уæд сæ зæрдæты цин, мигъы къуыбарау, атад æмæ байдзаг сты мастæй: кæддæры нæргæ хъæуы ма зынынц мæсыг, аргъуан, Гыбыл æмæ Сауийы хæдзæрттæ. Меньшевикты æфсæдтæн сæ бон нæ баци аргъуан æмæ мæсыг басудзын, дыууæ хæдзары та сæ кусынæн хъуыдысты. Цæгат Ирæй ма чи ралыгъд, уыдонæн сæ бон нæма баци агъуыстытæ саразын. Сисæй сисмæ уæладзгуытæ авæрдтой. Æрæмбæрзтой сæ хъæллæгъæй.
Уый фæстæ сыл ныккалдтой сыджыт æмæ сæ ныххостой къулæгæй.
Хæххон лæджы царды ацы ныв Цопанæн рагæй зонгæ у. Залихан æй фыццаг хатт уыны. Дысон фæлмæн къæвда уыди æмæ ныр алчи йæ уæлхæдзар хойы.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0