Нарты кадджытæ. Нарты сау рувасдзарм. Æхсæртæггатæ æмæ Борæты хæст. Нарт æмæ Уæйыджы стæг

Нарты кадджытæ. Нарты сау рувасдзарм.Æхсæртæггатæ æмæ Борæты хæст. Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Рафыссын
Нарты Уырызмæ, Хæмыц æмæ Солан цуаны рацыдысты. Ацæ сæ хæрæфырт уыди, æмæ йæ семæ скъæрæг ракодтой. Саубон-изæрмæ æртæ æфсымæрæй куы иу бабады рындзыл, куы иннæ. Изæрырдæм куы уыдис, уæд та Ацæ раскъæрдта рувас.
Уырызмæг, солан æмæ Хæмыц æмæхст фæкодтой, æмæ рувас расхъиудта æмæ фæтымбыл ис.
Иу иннæмæ дзуры: æз æй амардтон, иннæ дæр зæгъы: æз æй амардтон. Уæд сын Сослан загъта:
- Ныр сымах дзурдзыстут, æз æй амардтон, æз æй амардтон, зæгъгæ, кæд мыййаг, æхсгæ дæр нæ фæкодтат, уæддæр!
Æмæ йын Уырызмæг æмæ Хæмыц афтæ зæгъынц:
- Ау, æмæ нæ фæттæ бæрæг нæ уыдзысты?!
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0