Хуссарирыстойнаг гимнасткӕтӕ рамбылдтой бронзӕйон майдантӕ турниры Мӕздӕджы

© Photo : Пресс-служба комитета по молодежной политике и спорту РЮОХуссарирыстойнаг гимнасткӕтӕ рамбылдтой бронзӕйон майдантӕ турниры Мӕздӕджы
Хуссарирыстойнаг гимнасткӕтӕ рамбылдтой бронзӕйон майдантӕ турниры Мӕздӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 окт – Sputnik. Ӕвзонг гимнасткӕтӕ Хуссар Ирыстонӕй ӕнтыстджын ралӕуд скодтой гом фыццагады Мӕздӕджы ӕмӕ рамбылдтой бронзӕйон майдантӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ РХИ гимнастикӕйы Федерацийы президент Бесаты Зитайы ныхӕстыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
Ерысты хайад истой "Ир-Олимп амазонка" командӕйы 8-10 азы кары гимнасткӕтӕ.
"Ерысты сезон байгом. Дарддӕры ӕнтыстытӕ уын, чызджытӕ", - загъта Бесаты Зита.
Уый банысан кодта, балцы организацийӕн кӕй баххуыс кодта Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитет.
Спортсменкӕты ерыстӕм бацӕттӕ кодтой тренертӕ Цхуырбаты Зема ӕмӕ Зассеты Элина.
© Photo : Пресс-служба комитета по молодежной политике и спорту РЮОХуссарирыстойнаг гимнасткӕтӕ рамбылдтой бронзӕйон майдантӕ турниры Мӕздӕджы
Гимнастки команды ИР-ОЛИМП АМАЗОНКА - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.10.2023
Хуссарирыстойнаг гимнасткӕтӕ рамбылдтой бронзӕйон майдантӕ турниры Мӕздӕджы
Ног хабӕртты лентӕ
0