Хуссарирыстойнаг спортсментæ хайад исынц æхсæнадæмон турниры боксæй Абхазы

© unsplash / Prateek KatyalХуссарирыстойнаг спортсментæ хайад исынц æхсæнадæмон турниры боксæй Абхазы
Хуссарирыстойнаг спортсментæ хайад исынц æхсæнадæмон турниры боксæй Абхазы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны боксертæ хайад исынц ССРЦ спорты сгуыхт мастер Георгий Блабы номарæн Æхсæнадæмон турниры боксæй Абхазы.
Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй ерысты хайад исынц 11 хуссарирыстойнаг спортсмены.
"Абон боксертæн сбæлвырд кодтой сæ уæзы категоритæ. 3-8 октябры цæудзысты тохтæ, кæцыты фæстиуæгæн рабæрæг уыдзысты иууыл тыхджындæр спортсментæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Спортсменты тренировкæ кæнынц Дзигойты Ацæмæз, Бестауты Чермен, Куымæридтаты Родион, Лолоты Александр æмæ Котолиты Бола.
Ног хабӕртты лентӕ
0