Гафез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 35 сæр

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 35 сæр
Рафыссын
Дуары баконд æмæ Сауийы ныхас баиу сты: "Рухс цæуылнæ скæнут, фысымтæ, рухс!" — Сауи искуыцæй зæрдæрайæ куы æрцæуы, уæд сæ хæдзармæ афтæ бадзуры. Дзуапп ын куы ничи радта, уæд йæхæдæг фæзылдта стыр люстрæйы рухсхуыссынгæнæн. Цырæгътæ цæхæртæ акалдтой. Уый замманайы æхсызгон уыди Сауийæн:
"Уадз æмæ незнæгтæ уынæнт нæ хæдзары рухс!" — ахъуыды кодта æмæ йæхи къæлæт бандоныл æруагъта. Иæ зæрдæ — рухс, уæлæ уыцы цырæгътау, домы зарын, змæлын.
Ныртæккæ горæтæй сыздæхт, чысыл нуазгæ дæр акодта æмæ йæ циндзинад равдыста йæ гуым-гуым зардæй. Ирон лæджы хъауджыдæр Сауи зарын никуы зыдта.
Æвæццæгæн æй уарзгæ дæр уымæн нæ кодта. Фæлæ уæддæр йæ цины сæр йæ гуым-гуымæй æвдыста. Æниу æрвылбондæр йæ хъæдзарæй зарды хъæр куы хъуысид, уый дæр æй фæнды.
Сауи базæронд: цæстæй фæцух, онгæй фæуæззау. Фæлæ сæры магъз нырма сæрдасæнæй хъауджы нæу: уырдыджы дæр хорз цæуы æмæ хæрды дæр.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0