Гафез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 36 сæр

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 36 сæр
Рафыссын
Цæлхыты рыг, мигъы къуыбарау, сыстад æмæ йæ фæлурс буарæй атыхст Агуыидæйыл. Уымæн хъæлдзæг, æнæмæт ахаст ис. Сæ хъæубæстæй искæй куы афæрсай Агуындæйы тыххæй, уæд дын æнæмæнгæй зæгъдзæн:
"Йæ мад æмæ йæ фыд нырма сæрæн æмæ куыстхъом сты. Хæсты рæстæджы сæ бындз къуымæлы нæ бахаудта. Йæ иу æфсымæр Гацыр райæххæсткомы инструкторæй кусы, йеннæ æфсымæр, Хъазбег, уæлдæр скъола каст фæци æмæ ныр кусгæ кæны. Агуындæ йæхæдæг та институты ахуыр кæны".
Агуындæйы хъал кæй хонынц, уый иучысыл раст у. Хæдзары бæрн стыр у æмæ йыл йæ уæз нæма æруагъта. Зæнæджы кæстæр кæй у, уый тыххæй йæ бинонтæ се ’ппæтдæр рæвдыдтой æмæ чысыл буцхаст рацыд.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0