Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады офицертæ хуыздæр кæнынц сæ дæсныдзинад

© Photo : Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады офицертæ æххæст кæнынц сæ дæсныдзинад
Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады офицертæ æххæст кæнынц сæ дæсныдзинад  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады фæткдаруаты органты офицертæ æмæ дæлфадгуыты командиртæ цæуынц теоретикон ахуыртæ алыхуызон æфсæддон дисциплинæтæм гæсгæ, хъусын кæны хъахъхъæнынадон уагдоны пресс-службæ.
Фыццаг этапыл офицертæ æххæст кæнынц сæ зонындзинæдтæ иумæйаг тактикæ æмæ басгæрстон цæттæдзинадæй.

"Уæлдай хъусдард здæхт цæуы офицерты арæхстдзинадмæ сæрмагонд скондимæ уадзын ахуыртæ æмæ педагогон дæсныдзинадмæ", - банысан кодтой Хъахъхъæнынады министрады.

Ахуырты нысан у, куыд бахахх кодтой министрады – офицерты профессионалон зонындзинæдты æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын, цæмæй сæ хæслæвæрдтæ арæхстджынæй æххæст кæной куыд сабыр, афтæ хæстон рæстæджы дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0