Хуссар Ирыстоны президент раарфæ кодта УУМ кусджытæн

© Photo : Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны президент раарфæ кодта УУМ кусджытæн
Хуссар Ирыстоны президент раарфæ кодта УУМ кусджытæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæн уагдоны сæвзæрды боны цытæн, хъусын кæны республикæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.
Куыд банысан кодта паддзахады сæргълæууæг, афтæмæй уагдон арæзт æрцыд республикæйæн зын рæстæджы, Гуырдзыстоны агрессийы фæстæ республикæйы хъуыд рацæуын дæргъвæтин æмæ вазыгджын райрæзты фæндаг.
"Сымах уæхицæн равзæрстат вазыгджын нысан - адæймæгты цард ирвæзын кæнын, уый у бæрнон æмæ хъæддых архайды професси. Æрвылбон дæр уæ цардыл нæ ауæрдгæйæ цы удуæлдай куыст кæнут, уымæн саргъгæнæн нæй", - бахахх кодта Гаглойты Алан.
Уæлдай бузныг президент загъта ветерантæн, кæцытæ ныр дæр ма сты службæйыл æмæ сты æнæфæугæ тыхы дæнцæгтæ, ног фæлтæрæн сæ зонындзинæдтæ амонгæйæ.
Республикæйы сæргълæууæджы зæрдæ загъта УУМ кусджытæн уды хъæддыхдзинад, æтытстытæ сæ вазыгджын куысты, тыхтæ æмæ сæ бинонты царды хорздзинад.
Ног хабӕртты лентӕ
0