Уӕрӕсейаг авиаци не ‘руагъта УГТ десантон къорды ӕрбабырст Хъырыммӕ

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæХъырым
Хъырым - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 окт - Sputnik. Уӕрӕсейы авиаци не ‘руагъта Украинӕйы Гарзджын тыхты (УГТ) десанты ӕрбабырст Хъырымы сынӕг Тарханкуты, кӕцытӕ уыдысты ӕртӕ гидроциклы ӕмӕ иу катерыл, фехъусын кодтой ӕртыццӕджы Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады.
"Сау Денджызы цӕгаттаг-ныгуылӕйнаг хайы Уӕрӕсейы авиаци не ‘руагъта Хъырымы территоримӕ УГТ десантон къорды, кӕцы цыд Хъырымы сынӕг Тарханкуты рдӕм ӕртӕ гидроциклы ӕмӕ иу катерыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 4 октябры ӕхсӕвы аиуварс кодтой Киевы режимы радон фӕлварӕнтӕ сӕххӕст кӕнын террористон акттӕ Уӕрӕсейы территорийыл объектты. Нысангонд ӕрцыд, уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ Белгород, Брянск ӕмӕ Курсы областты кӕй скуынӕг кодтой 31 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты.
Ног хабӕртты лентӕ
0