Фыццаг хатт Цхинвалы: республикæйы ацæудзæн "Октоберфест"

© Sputnik / Наталья АйриянБæгæны
Бæгæны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 окт – Sputnik. Цхинвалы ацæудзæн бæрæгбон "Октоберфест", "Уæлхох Хъелы бæгæныфыцæн"-ы проекты реализацийы фæлгæтты, радзырдта Sputnik Хуссар Ирыстоны базарадон минæвар Уæрæсейы Таймураз Гогинов.

"Фестиваль ацæдзæн Цхинвалы центры кафе "Vincenco"-йы майрæмбоны, 6 октябры. Амалиуæггæнæг æрбавдисдзæн бæгæныйы цалдæр хуызы. Райдайдзæн боны дыууæ сахатыл. Уым уыдзæн хъæбæр æмæ рог, афтæ ма фæйнæ ног хуызы, кæцытæ цæттæ кæнынц массон рауагъдмæ. Ирон националон бæгæны равдысты нæ уыдзæн – уый æвæрæм æндæр бæрæгбонты. Уыдзæн классикон æхсæнадæмон бæгæны", - радзырдта ныхасæмбал.

Фестивалмæ бацæуæн уыдзæн 18 азы кæуыл сæххæст, ахæм адæймæгтæн. Уагъд цæудзæн бæгæны æмæ хæлцы дегустаци, афтæ ма концертон программæ. Уымæй дарддæр организатортæ нывæндынц саразын фестиваль æрвылазон.
Ног хабӕртты лентӕ
0