Гафез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 38 сæр

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 38 сæр
Рафыссын
Уæлмæрды цау æнцой нæ уадзы Дударæн йæхи дæр. Сослан ацы тигъыл æрмæст иу бадт æркодта, фæлæ Сауи та колхозы сæргъ фынддæс азы бады. Æрмæст уый цæй бадт уыд? Бындз пылы рагъыл куыд абада, уымæй хъауджыдæр иæ зыны. Фæлæ уæддæр бадти. Рохтæ йæ къухы дардта æмæ...
Дударæн йæ цæстытыл ауад, 1917 азы Бетъырбухы Зымæгон галуап исыны рæстæджы Петр Фыццаджы цырт куыд ауыдта, уый. Бæх йæ фæстæгтыл слæууьтд, йæ фыццаг къæхтæ кæм æмæ кæд æрæвæрдзæн, уый бæрæг нæй, фæлæ барæг—Петр Фыццаг фидар бады, нæ къухы — бæхы рохтæ, йæхæдæг размæ сæрыстырæй кæсы.
Дудар Сослан æмæ Петры кæрæдзийыл куы абарста, уæд æм цыдæр дзæбæх фæзындысты. Фæлæ-иу Сауи колхозы æмбырды йæхицæй æппæлын куы райдыдта: "колхозы рохтыл фидар хæцын хъæуы", уæд-иу адæм сæхимидæг сусу-бусу кæнын райдыдтой, зæгъгæ, Сауи куыд уæйыг у, колхозы фидар рохтæ куыд уромы.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0