Цхинвалы 29-аздзыд цæрæджы амарыны зæрдæхсайгæ барвæндонæй бацыд милицимæ

© ФСБ РФ /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы 29-аздзыд цæрæджы амарыны зæрдæхсайгæ барвæндонæй бацыд милицимæ
Цхинвалы 29-аздзыд цæрæджы амарыны зæрдæхсайгæ барвæндонæй бацыд милицимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 окт – Sputnik. Цхинвалы цæрæджы амарыны 52-аздзыд зæрдæхсайгæ барвæндонæй бацыд барадхъахъхъæнæг органтæм, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Фыдракæнд саразыны зæрдæхсайгæ барвæндонæй бацыд криминалон милицимæ. Ныртæккæ уагъд цæуынц мадзæлтты комплекс, цæмæй сбæрæг кæной цауы æууæлтæ", - загътой уагдоны.
Фыдракæнд æрцыд æртыццæджы Советон уынгыл. Цауы фæдыл прокуратурæ сцырын кодта уголовон хъуыддаг.
Милицийы банысан кодтой, фæмардуæвæг æмæ зæрдæхсайгæйы æхсæн кæй æрцыд кæрæдзи æхст, уый фæстиуæгæн Цхинвалы 29-аздзыд цæрæг фæмард бынаты.
Ног хабӕртты лентӕ
0