Цхинвалы æнахъомтæм æрсидтысты, цæмæй кад кæной закъонæн æмæ æнæниз цардуаг æххæст кæной

© Photo : Пресс-служба МВД РЮОЦхинвалы æнахъомтæм æрсидтысты, цæмæй кад кæной закъонæн æмæ æнæниз цардуаг æххæст кæной
Цхинвалы æнахъомтæм æрсидтысты, цæмæй кад кæной закъонæн æмæ æнæниз цардуаг æххæст кæной - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 окт – Sputnik. Цхинвалы Мидхъуыддæгты хайады æнахъомты фæдыл фæткдаруат сорганизаци кодта горæты скъоладзаутимæ фембæлд. Ныхасы сæйраг темæ уыд закъонтæ халын æмæ æнæниздзинадæн зианхæссæг ахуыры фæстиуджытæ. Уый тыххæй радзырдтой Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службæйы.
Фыццаг фембæлдмæ, кæцы ауагъта Цхинвалы Мидхъуыддæгты хайады æнахъомты фæдыл фæткдаруаты сæргълæууæг Гататы Лали, фæхуыдтой уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы директор, уæгъдибар хъæбысхæсты тренер Тыбылты Гамлеты.
Гататы Лали зæрдыл æрбадардта сывæллæттæн уголовон бæрндзинады кар æмæ фыдракæндты тыххæй æфхæрды мадзæлттæ. Тыбылты Гамлет снысан кодта æнахъомты сæйраг хæслæвæрд – ахуыр, спорт æмæ монон хъомылдзинад.
"Рох уæ ма уæд, сымах стут уæ бинонты æмæ мыггаджы минæвæрттæ. Уе ᾿взæр уагахастæй сæ худинаг кæндзыстут", - бафтыдта уый.
Тренер фæхуыдта сывæллæтты спортивон скъоламæ, цæмæй æнæниз царды уагахаст æххæст кæной.
Ног хабӕртты лентӕ
0