Гафез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 39 сæр

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 39 сæр
Рафыссын
Дудар йæ балц сарæзта районмæ. Йæ фыртæн афтæ куы загъта, "мæхæдæг ацæуон районмæ, æви мæ искæмæн æрвитыс?", уæд Алан æвæндонæй бавнæлдта телефоны хæтæлмæ.
Дудары цæстытæй цы аирвæзтаид: фырты нæ фæндыд, йæ фыды цур хисдæртæй искæимæ дзурын, ома мæ фыдæн цы ми бакæнон, уымæ гæсгæ райста йæ лæдзæгæмæ къæсæрæй рахызт.
Алан дæр æнæ дæлимон нæу, йæ фыд цæмæн сыстад, уый фæхатыд æмæ йæ фæдыл хъазæнæмхасæй радзырдта:
— Æз æнхъæлдæн, æмæ лидзгæ нæ акæндзынæ?..
Дудар рацыд. Сæрдар кæимæ дзырдта, цы дзырдта, уымæн ницы базыдта, фæлæ рараст районмæ. Сауи кæд йæ ныццыдмæ гас нал уа, уад йæ хъуыддаг æвзæр, уыдзæн. Æмæ кæд дзæбæхæй баззайа, (уый та Дудары уырнгæ нæ кæны. Йæ лæдзæгмæ та, æрдæбонау, æнæууæнкæй æркаст), уæддæр ын ахæстонæй фæиртæсæн нæй.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0