Хуссар Иры ПÆК фехъусын кодта 2023 азы арæнхалджыты нымæцы тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянПаддзахадон арæн
Паддзахадон арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны алыхуызон фадгуытыл 2023 азы фараст мæймæ æрцахстой 376 арæнхалæджы, фехъусын кодта майрæмбоны республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæ.
ПÆК Арæнгæрон службæ ауагъта равзæрсттæ алкæцы фæткхалды фæдыл дæр. Уый фæстиуæгæн 221 адæймаджы фæивар кодтой, æхсæзы феддæдуар кодтой республикæйы территорийæ ивар бафидыны фæстæ, ноджы 16 та – æнæ иварон санкцитæй, 105 арæнхалæджы та бафæдзæхстой.
Афтæ ма фæткхæлдты фæдыл бакодтой 10 уголовон хъуыддаджы, 14 арæнхалæджы фæдыл цæуы басгæрст, ноджы цыппар административон хъуыддаг та æрурæдтой.
Арæнгæрон службæ зæрдыл æрлæууын кодта, республикæйы æмбæстæгтæ æмæ уазджытæн арæнгæрон зонæйы уæвынады рæстæджы семæ кæй хъуамæ уой гоймагдзинад бæлвырдгæнæн документтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0