Женеваг дискусситыл 15 азы сæххæсты фæдыл Мæскуы, Цхинвал æмæ Сухум ауадздзысты видеохид

© Sputnik / Natalia AiriyanЖеневаг дискусситыл 15 азы сæххæсты фæдыл Мæскуы, Цхинвал мæ Сухум ауадздзысты видеохыз
Женеваг дискусситыл 15 азы сæххæсты фæдыл Мæскуы, Цхинвал мæ Сухум ауадздзысты видеохыз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.10.2023
Рафыссын
Къуырисæры, 9 октябры, 13:30 Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-центры ацæудзæн видеохид Мæскуы — Сухум — Цхинвал, Женеваг дискусситыл Фæскавказы 15 азы кæй сæххæст, уый фæдыл.
Мæскуыйы хайадисæг:
- æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл Федерацийы советы сæрдары фыццаг хæдивæг Владимир ДЖАБАРОВ.
Сухумы:
- республикæ Абхазы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Ираклий ТУЖБА;
- республикæ Абхазы президенты дæлбар стратегион иртæстыты Центры директор Вячеслав ЧИРИКБА.
Цхинвалы:
- РХИ президенты паддзахадон уынаффæгæнæг, Женеваг дискусситы кусæгон къорды сæргълæууæг КОЦТЫ Константин.
2008 азы 15 октябры Дмитрий Медведев æмæ Николя Саркозийы бадзырдты фæлгæтты, цæмæй Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны комкоммæ диалог самал кæной, ауагътой Женеваг дискусситæ. Сæ сæйраг нысан уыд хæдбар республикæты æдасдзинад æрфидар кæнын. Цавæр фæтиуджытæм рæцыдысты фарсытæ 15 азмæ? Гуманитарон фæтк æмæ æдасдзинады фæдыл цас эффективонæй скъуыдздзаггонд цæуынц фарстытæ?
Мадзал ацæудзæн Sputnik Хуссар Ирыстоны мультимедион пресс-центры, горæт Цхинвал, Путины уынг, 5 хæдзар (3-аг уæладзыг)
Ног хабӕртты лентӕ
0