Израиль фехъусын кодта, паддзахады горæтты кæй æрлæууын кодтой хæстон архайд

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæИзраиль фехъусын кодта паддзахады горæтты кæй æрлæууын кодтой хæстон архайд
Израиль фехъусын кодта паддзахады горæтты кæй æрлæууын кодтой хæстон архайд  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 окт – Sputnik. Израилы Хъахъхъæнынады æфсад фехъусын кодтой хæстон архайды кæроны тыххæй горæтты, хъусын кæны РИА Новости.
Израилы горæтты хæст фæцис, цæрæн пункттæ Газы секторы арæнгæрæтты сты æфсæддонты хъусдарды бын, бахахх кодтой Израилы хъахъхъæнынады Æфсады пресс-службæйы.
Куыд ма банысан кодтой ЦАХАЛ, афтæмæй горæтты ма гæнæн ис æмæ баззадысты гарзджын гоймæгтæ. Афтæ ма Израиль дарддæр дæр æхсы ХАМАС объекттæ уæлдæфæй. Газы секторæй Израилыл уагъд æрцыдысты 4,4 мин ракетæйы.
Сабат райсомæй Израиль фæцис æнæпрецедентон йæ гуырахстмæ гæсгæ ракетæты æхстыты бын Сектор Газайæ. Дыууæ ᾿рдыгæй дæр дыууæ боны дæргъы фæмард ис сæдæгай адæймæгтæ, ХАМАС фехъусын кодтой 100 фылдæр Израилы æмбæстаджы кæй акодтой уацары, се ᾿хсæн уæлдæр хицауады чиновниктæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0