Мамиты Гри: проект "Дзырд"-ы сæйраг нысан – мадæлон æвзаг бауарзын кæнын

Мамиты Гри: проект «Дзырд»-ы сæйраг нысан – мадæлон æвзаг бауарзын кæнын
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны йæ куыст райдыдта проект "Дзырд"-ы дыккаг этап. Уый фæдыл Sputnik-æн йæ хъуыдытæ загъта проекты аразджытæй иу Мамиты Гри.
Мамиты Грийы хъуыдымæ гæсгæ, сывæллæттæ тынг зæрдиагæй æрæвнæлдтой ирон æвзагыл æмдзæвгæтæ ахуыр кæнынмæ, кæд хуымæтæг жанр нæу, уæддæр.
"Проект хорз рауадис. Тынг курдиатджын сывæллæттæ сты. Ацы хатт фылдæр сывæлæттæ æрбацыд, ныр æй хуыздæр æмбарынц, кæдæм цæуынц", - бахахх кодта ныхасæмбал.
Проекты сæйраг нысаниуæг у ирон æвзаг сывæллæттæн бауарзын кæнын ерыстæ æмæ хъазты уылты, банысан кодта Мамиты Гри.
Куыд ма бафтыдта радио Sputnik студийы уазæг, дыккаг сезонмæ æрбамбал сты сæхæдæг æмдзæвгæтæ чи фыссы, ахæм сывæллæттæ, афтæ ма хъæутæй хайадисджытæ дæр фылдæр сты.
Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0