Володин æмæ Æлборты Алан бафыстой бадзырд ПД æмæ РХИ парламенты ᾿хсæн æмгуыстады фæдыл

Володин æмæ Æлборты Алан бафыстой бадзырд ПД æмæ РХИ парламенты ᾿хсæн æмгуыстады фæдыл
Володин æмæ Æлборты Алан бафыстой бадзырд ПД æмæ РХИ парламенты ᾿хсæн æмгуыстады фæдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 окт – Sputnik. Паддзахадон Думæйы (ПД) сæрдар Вячеслав Володин æмæ хуссарирыстойнаг парламенты спикер Æлборты Алан бафыстой бадзырд Уæрæсейы Паддзахадон Думæ æмæ Хуссар Ирыстоны парламенты ᾿хсæн æмгуыстадыл.

"Дзырд цæуы бæрзонд æмвæзады æхсæнпарламентон къамис саразыныл, цæмæй йæ фæлгæтты махæн нæ бон уа парламенты дывæрсон фарстытыл ныхас кæнын. Басæттын ыл хъæуы, нырма ахæм форматæй æмбæлон уагæй нæ пайда кæнæм", - загъта Володин.

РХИ парламенты спикер Æлборты Алан равдыста фидар уырнындзинад, депутатты æмгуыстады ног формат кæй ратдзæн фадат оперативонæй æмæ конструктивонæй скъуыддзаг кæнын æппæт сæвзæргæ фарстытæ.
Афтæ ма хуссарирыстойнаг парламенты спикер фæхуыдта Володины Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын балцы. Паддзахадон думæйы сæрдар йæхи ᾿рдыгæй банхъардта Æлборты Аланæн райсын хайад æрвылазон æхсæнадæмон конференци "Роль взаимодействия фракций политических партий и блоков в межпарламентском сотрудничестве стран СНГ", кæцы ацæудзæн паддзахадон Думæйы декабры.
Ног хабӕртты лентӕ
0