Боксертæ Хуссар Ирæй рамбылдтой дыууæ фыццаг бынаты æхсæнадæмон турниры Абхазы

CC0 / / Боксертæ Хуссар Ирыстонæй рамбылдтой дыууæ фыццаг бынаты æхсæнадæмон турниры Абхазы
Боксертæ Хуссар Ирыстонæй рамбылдтой дыууæ фыццаг бынаты æхсæнадæмон турниры Абхазы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 окт – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг боксертæ бацахстой æртæ призон бынаты ССРЦ сгуыхт спорты мастеры, Абхазы Леоны ордены кавалер Георгий Блабы номарæн æхсæнадæмон турниры боксæй. Уый тыххæй Sputnik-æн радзырдта боксы тренер Куымæридтаты Родион.

"Ацыд æхсæнадæмон æмвæзады масштабон турнир. Æрцыдысты минæвæрттæ æппæт Уæрæсейы регионтæй. Хайадисджыты нымæц хæццæ кодта 400-мæ. Мах рахизын кодтам ерыстæм 10 боксеры, уыдонæй дыууæ ссисты уæлахиздзаутæ, ноджы иу ссис æвзист призер", - радзырдта тренер.

Æхсæнадæмон турниры уæлахиздзаутæ ссисты Джиоты Марат æмæ Наниты Марат. Æвзист призер ссис Коцты Андрей. Куымæридтаты Родионы ныхæстæм гæсгæ, тренерты штаб æнхъæлмæ каст хуыздæр фæстиуджытæм Хуссар Ирыстоны командæйæ. Афтæ ма тренер бузныджы ныхас загъта президент Гаглойты Аланæн спортсменты турнирмæ афæндараст кæныны организацийæн финансон æххуысы тыххæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0