Гафез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 40 сæр

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 40 сæр
Рафыссын
Иван æмæ йе ᾿мбал Егор базыдтой, сæрдар æмæ Дудар æмзæххонтæ, науæд та иу æвзагыл дзурæг кæй сты, уый. Уымæ гæсгæ, Иван фæныфсджын æмæ загъта:
— Иугæр не ᾿мхæстон Дудар æмæ ды цыдæр хæстæджытæ стут, уæд мæн тынг уырны, æмбал Сæрдар, ды нын нæ хъуыддаг кæй сараздзынæ.
— Кæд ын аразæн уа, уæд æй сараздзынæн, — йæ ныхас ын алыг кодта Сæрдар.
— Дзурут, цы уæ хъæуы?
Иван радзырдта, цæмæ æрбацыдысты, уый.
— Уæ дарæс, уæ фадбарцæй бæрæг у, уе ᾿фсæддон хай цы уавæры ис, уый. Чысыл раздæр минæвæрттæ кæм лæууыдысты, уыцы ран сæ дзабырты миттæ стæфстысты æмæ пол цæттæ-цæттæ сбадт. Сæрдары æнгас фæхатыдтой салдаттæ дæр. Фефсæрмы сты.
— Ницы кæны, лæппутæ. Ма фефсæрмы ут. Æрмæст мæм дис кæсы, бæгънæг æмæ бæгъæввадæй паддзахы сæрыл уæ удтæ куыд лæвæрдтат, уый?
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0