Уæрæсейы минæварад Израилы фехъусын кодта ноджы иу уæрæсейаджы мæлæты тыххæй

© Sputnik / Вячеслав Татаровский /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы минæварад Израилы фехъусын кодта ноджы иу уæрæсейаджы мæлæты тыххæй
Уæрæсейы минæварад Израилы фехъусын кодта ноджы иу уæрæсейаджы мæлæты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 окт – Sputnik. Уæрæсейы дыккаг æмбæстаг амард ХАМАС-ы бабырсты фæстиуæгæн Израилы, радзырдта уæрæсейаг минæвар Тель-Авивы Анатолий Викторов, хъусын кæны РИА Новости.
"Ис нæм бæрæггæнæнтæ иу нæ, фæлæ дыууæ уæрæсейаг æмбæстаджы мæлæты фæдыл. Мыггæгтæ æмæ лыстæгдзинæдтæ мæ бон нырма нæу раргом кæнын. Мах нырма нæ бадзырдтам сæ хиуæттæм æмæ нæ зонæм цауы æууæлтæ", - загъта дипломат фыццæгæм каналы эфиры.
Сабаты райсом, 7 октябры, Израиль бахаудта йæ масштабмæ гæсгæ æнæпрецедентон атакæйы бын Сектор Газайæ. Израилы æфсады пресс-службæйы фехъусын кодтой, кæй суагътой 3 минæй фылдæр ракетæйы. Афтæ ма ХАМАС-ы хæстонтæ ракетон цæфты фæстæ бабырстой бæстæйы хуссарварс арæнгæрон районтæм. Израилы премьер нацимæ бадзырды рæстæджы фехъусын кодта, бæстæ кæй ис хæсты уавæрты æмæ расидт резервистты мобилизаци. Израилы æфсад райдыдта æхсын Сектор Газа ракетæтæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0