Дзауы районы электрофикаци. Цы куыстытӕ нысан сты 2023 ӕмӕ 2024 азтӕм

© Sputnik / Natalia AiriyanДзау
Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 окт – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ног азы Дзауы поселочы центры электрохаххы цӕджындзтӕ раивдзысты ногтӕй районы администрацийы тыхтӕй. Уый тыхххӕй фехъуысын кодта районы хистӕр Тыбылты Ванда.

"Ног азы фыццаг рады раивдзыстӕм рухсы цӕджындзтӕ. Ивинаг сты поселочы центры скъола-интернатӕй суанг сабидоны онг", - загъта Тыбылты Ванда.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ма ацы азы лыг цӕуы ноджы иу хъӕуы рухсы проблемӕ, хъӕуы цӕрджытӕ хъаст кодтой фондз азы бӕрц.
"Котантойы цӕрджыты проблемӕ дӕр ныр лыг цӕуы, хъӕумӕ сластой цӕджындзтӕ ӕмӕ тагъд рӕстӕджы рухс уагъд ӕрцӕудзӕн хӕдзӕрттӕм. Ацы хъӕуы ӕдзух цӕрджытӕ нал ис, фӕлӕ дзы арӕзт цӕуынц ног хӕдзӕрттӕ ӕмӕ дзы адӕм ӕрвитынц сӕрдыгон рӕстӕг", - бафтыдта уый.
Тыбылты Ванда ма ма бахахх кодта, районы нырма дӕр кӕй ис ахӕм хъӕутӕ, кӕцытӕм нӕ фӕхӕццӕ электрон рухсы хахх. Уыдон сты Ерман, Сба ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0