00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
08:00
60 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главные темы
12:00
3 Мин
12:30
3 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
On air
08:00
60 Мин
Главные темы
Новости
09:00
3 Мин
Утро на Спутнике
Китай и Индия против членства Турции в БРИКС
09:07
27 Мин
Главные темы
Новости
09:34
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Æлборты Алан: Уæрæсе у æрмæст Хуссар Иры нæ, фæлæ Хуссар Кавказы æдасдзинады гарант

© Sputnik / Дмитрий ДонскойКремль
Кремль - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 окт – Sputnik. Уæрæсе у æдасдзинады гарант æрмæст Хуссар Ирыстонæн нæ, фæлæ æппæт Хуссар Кавказæн, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Æлборты Алан Федерацийы Советы сæргълæууæг Валентина Матвиенкоимæ фембæлды рæстæджы.
Хуссарирыстойнаг парламенты делегаци ис Мæскуыйы официалон балцы, кæцыйы фæлгæтты бафыстæуыд бадзырд Паддзахадон Думæ æмæ Хуссар Ирыстоны парламенты æхсæн. Æлборты Аланы ныхасы сæйраг темæ Валентина Матвиенкоимæ уыдысты æхсæнпарламентон æмархайды фарстытæ, фехъусын кодта Федерацийы Советы официалон сайт.
"Уæрæсе алыхатт дæр уыд æдасдзинады гарант æрмæст Хуссар Ирыстонæн нæ, фæлæ æппæт Хуссар Кавказæн. Мæ хъуыды гæсгæ, уый æмбарынц регионы цæрджытæ дæр", - загъта Æлборты Алан.
Уый ма бахахх кодта, сæрмагонд æфсæддон операци хынцгæйæ уæззау уавæрмæ æнæкæсгæйæ, Уæрæсе æххæст кæны йæхимæ райсгæ бæрндзинад Хуссар Ирыстоны раз.
Æлборты Алан банысан кодта Федерацийы Совет æмæ Хуссар Ирыстоны парламенты иумæйаг куысты стыр фæлтæрддзинад, сæйраджыдæр, æхсæнпарламентон къамисы фæлгæтты.
Уый бафтыдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны ныфс ис дарддæры пайдаджын æмгуыстадмæ парламентты хаххыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0