Матвиенко: УФ регионтимæ æмархайды потенциал Хуссар Ир нырма нæ раргом кодта

© Sputnik / Александра Алборова Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы тырысатæ
Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы тырысатæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны æхсæнрегионалон æмархайды потенциал Уæрæсейы регионтимæ гæнæн ис ноджы тынгдæр раргом кæнын, фехъусын кодта Федерацийы Советы спикер Валентина Матвиенко Хуссар Ирыстоны парламенты сæрдар Æлборты Аланимæ фембæлды рæстæджы.
Хуссарирыстойнаг парламенты делегаци ис Мæскуыйы официалон балцы, кæцыйы фæлгæтты бафыстæуыд бадзырд Паддзахадон Думæ æмæ Хуссар Ирыстоны парламенты æхсæн. Æлборты Аланы ныхасы сæйраг темæ Валентина Матвиенкоимæ уыдысты æхсæнпарламентон æмархайды фарстытæ, фехъусын кодта Федерацийы Советы официалон сайт.
Фембæлды рæстæджы уæлдай хъусдард здæхт уыд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы регионты бастдзинæдты райрæзтмæ.

"Бафыстæуыд 20-æй фылдæр æхсæнрегионалон бадзырды. Уыимæ иумæ, æхсæнрегионалон æмархайды потенциал гæнæн ис ноджы тынгдæр раргом кæнын базарадон-экономикон къабазы Хъырым æмæ ног регионтимæ", - банысан кодта Федерацийы Советы спикер.

Фембæлды рæстæджы ма дзырд цыд квалификацигонд кадрты цæттæкæнынадыл, кæцытæ хъæуынц Хуссар Ирыстоны экономикон æмæ социалон райрæзтæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0