Цхинвалы ацӕудзӕн УФ Федерацийы Совет ӕмӕ РХИ парламенты ӕмгуыстады фӕдыл къамисы рабадт

© Photo : Пресс-служба парламента РЮОЦхинвалы ацӕудзӕн УФ Федерацийы Совет ӕмӕ РХИ парламенты ӕмгуыстады фӕдыл къамисы рабадт
Цхинвалы ацӕудзӕн УФ Федерацийы Совет ӕмӕ РХИ парламенты ӕмгуыстады фӕдыл къамисы рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕввахс бонты ацӕудзӕн УФ Федерацийы Cовет ӕмӕ республикӕйы парламенты ӕмгуыстады фӕдыл Къамисы радон рабадт, хъусын кӕны Федерацийы Cоветы официалон сайт.
Ӕрӕджы ацыд Федерацийы Советы сӕрдар Валентина Матвиенко ӕмӕ Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Ӕлборты Аланы фембӕлд. Ныхасы сӕйраг темӕ уыдысты ӕхсӕнпарламентон ӕмархайды фарстытӕ.
Фембӕлды хайадисджытӕ банысан кодтой Федерацийы Cовет ӕмӕ Хуссар Ирыстоны парламенты ӕмгуыстады фӕдыл къамисы куысты эффективондзинад. Ӕввахс бонты Цхинвалы ацӕудзӕн йӕ радон рабадт.
Къамис арӕзт ӕрцыд Федерацийы совет ӕмӕ Хуссар Ирыстоны парламенты ӕхсӕн ӕмгуыстады фӕдыл Бадзырдмӕ гӕсгӕ 2008 азы. Уый у иудадзыг архайгӕ орган, кӕцыйы рабадтытӕ уагъд цӕуынц аз дыууӕ хатты, Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0