Гаглойты Алан дзырд радта баххуыс кæнын Знауыры районæй бинонтæн, кæцыты хæдзар басыгъд

© SputnikГаглойты Алан дзырд радта баххуыс кæнын Знауыры районæй бинонтæн, кæцыты хæдзар басыгъд
Гаглойты Алан дзырд радта баххуыс кæнын Знауыры районæй бинонтæн, кæцыты хæдзар басыгъд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 окт – Sputnik, Козаты Диана. Президент Гаглойты Алан цыппæрæмы ацыд Хуссар Ирыстоны Знауыры районмæ, цы ран бабæрæг кодта Дзагъинайы бинонты, кæцыты хæдзар басыгъд зынгсирвæзты рæстæджы.
Икъоты бинонтæ баззадысты æнæ хæдзарæй сентябры кæрæтты, стыр дыууæуæладзыгон хæдзар басыгъд зынгсирвæзты рæстæджы.
Хæдзары хицау Икъоты Мальвина радзырдта, зынгсирвæзт кæй æрцыд боны дыууæ сахатмæ æввахс. Цауы тыххæй куы базыдта, уæд уый атындзыдта хæдзармæ, фæлæ ницыуал фервæзын кодта дзауматæй.
"Зынгсирвæзт æрцыд бонæй. Йæ аххосаг йын нæ зонæм. Ацы хæдзары иудадзыг цæрынц мæ мад æмæ дыууæ æфсымæры. Хорз у, æмæ уыцы момент хæдзары нæ уыдысты", - загъта уый.
Гаглойты Алан æрныхас кодта хæдзары хицæуттимæ æмæ бынаты радта цалдæр фæдзæхсты йæ æххуысгæнджытæн. Президент дзырд радта, хицауад сын кæй баххуыс кæндзæн.
"Хъæуы баххуыс кæнын. Уырны мæ, уæ сихæгтæ дæр уын кæй баххуыс кæндзысты сцалцæг кæнын хæдзар. Мах дæр сараздзыстæм нæ тыхты цы ис, уый", - загъта президент.
Президент цыппæрæмы уыд инспекцион балцы республикæйы Знауыры районы.
Ног хабӕртты лентӕ
0