Хуссар Иры снысан кодтой ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ног сӕргълӕууӕджы

© Sputnik / Алексей Ковалевправительство
правительство - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан снысан кодта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕмӕ социалон райрӕзты министрӕй Джыгкайты Томасы, ӕмбӕлон барамынд мыхуыргонд ӕрцыд паддзахады сӕргълӕууӕджы сайтыл.
"Республикӕ Хуссар Ирыстоны конституцийы 50 статьяйы 7 пунктмӕ гӕсгӕ снысан кӕнын Джыгкайты Томас Джемалы фырты Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрӕй", - дзырдӕуы барамынды.
Нысангонд ӕрцыд, барамынд йӕ тыхы кӕй бацыд йӕ бафысты бон, 11 октябрӕй.
Томас Джигкаев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.10.2023
Джыгкайты Томас
Ног хабӕртты лентӕ
0