Гаглойты Алан раарфæ кодта Дмитрий Патрушевæн йæ райгуырæн боны цытæн

© POOL /  Ахизын медиабанкмæДмитрий Патрушев
Дмитрий Патрушев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 окт – Sputnik. Компетентондзинад æмæ дæ разы лæугæ хæслæвæрдтæ æххæст кæныны зонындзинады руаджы дæуæн ис авторитет, банысан кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан йæ арфæйы телы Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министр Дмитрий Патрушевмæ йæ райгуырæн боны цытæн.
Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, йæ архайды рæстæджы паддзахадон службæйы Патрушев йæхи равдыста куыд бæрнон æмæ принципиалон адæймаг.
"Компетентондзинад æмæ дæ разы лæугæ хæслæвæрдтæ æххæст кæныны зонындзинады руаджы дæуæн ис авторитет. Уырны мæ, Дæ хуыздæр миниуджытæ дын дарддæ кæй æххуыс кæндзысты Дæ бæрнон архайды Уæрæсейы Федерацийы хæрзæбонæн", - хъусын кæны Гаглойты Аланы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Паддзахады сæргълæууæджы зæрдæ загъта Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрæн æнтыстытæ йæ бæрнон куысты æмæ йæ нывæстыты реализаци.
Ног хабӕртты лентӕ
0