Хуссар Иры райдыдта гастротур

© Sputnik / Natalia AiriyanБорджнис
Борджнис - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 окт – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Дзауы районы Борджнисы хъӕуы райдыдта экскурсион-гастрономон тур Хуссар Ирыстоны фендтаг бынӕттыл, кӕцы сорганизаци кодта туристон компани Exploring Alania.
Компанийы минӕвар Болататы Сослан куыд банысан кодта Sputnik-ӕн, афтӕмӕй гастротуры рӕстӕджы туристтӕн фадат уыдзӕн базонгӕ уын Хуссар Ирыстоны рӕсугъддӕр бынӕттимӕ, афтӕ ма хайад райсын алыхуызон мастер-классты.
"Туристтӕн сӕ бон у цъӕл кӕнын сӕнӕфсир сӕн саразынӕн, кӕцы уый фӕстӕ ахсӕдзысты сӕхицӕн. Афтӕ ма сын фадат уыдзӕн бафӕлварын саразын рагон ирон хӕринаг – дзыкка", - загъта уый.
Exloring Alania – туристон агентад, кӕцы организаци кӕны авторон туртӕ Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Кавказы.
Ног хабӕртты лентӕ
0