Женеваг дискусситыл 15 азы: Хуссар Ир архайы диалог адарддӕр кӕныныл

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæЖенева
Женева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны нымайы Женеваг дискусситӕ пайдаджыныл ӕмӕ архайы диалог адарддӕр кӕныныл, фехъусын кодта Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ.
"Женеваг дискусситӕ – ахсджиаг ӕмӕ абоны бонмӕ иунӕг ӕхсӕнадӕмон формат Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы комкоммӕ диалогӕн Гуырдзыстонимӕ. Ацы контексты дискусситы сӕйраг нысан у саразын ӕмӕ бафыссын Гуырдзыстонимӕ дывӕрсон бадзырдтӕ тыхӕй ма пайда кӕныны тыххӕй", - дзырдӕуы ӕддагполитикон уагдоны хъусинаджы.
Дискусситӕ байгом сты Женевайы 2008 азы 15 октябры Гуырдзыстоны агрессийы фӕстӕ Хуссар Ирыстоны ныхмӕ.
Женеваг дискусситы ӕмхуызон бартыл хайад исынц Хуссар Ирыстон, Абхаз, Уӕрӕсе, Гуырдзыстон, АИШ, афтӕ ма Евроцӕдис, ИНО ӕмӕ ОБСЕ минӕвӕрттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0