Кæд райдайдзысты фæззыгон æмæ зымæгон каникултæ Хуссар Иры

© Depositphotos.com / ArturVerkhovetskiyКæд райдайдзысты фæззыгон æмæ зымæгон каникултæ Хуссар Ирыстоны
Кæд райдайдзысты фæззыгон æмæ зымæгон каникултæ Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæззыгон каникултæ райдайдзысты къуырисæры, 30 октябры, фехъусын кодта Sputnik ахуырады министрады дæлбар скъолайы агъоммæ, иумæйаг, æххæстгæнæн ахуырад æмæ сабибонты социалон хъахъхъæнынады фæткдаруаты сæргълæууæджы хæдивæг Цыхуырбаты Вильма.
"Фæззыгон каникултæ республикæйы скъолаты райдайдзысты 30 октябрæй æмæ адарддæр уыдзысты 5 ноябрмæ, уыцы бон дæр хынцгæйæ", - загъта уый.
Цыхуырбаты Вильма ма бафтыдта, зымæгон каникултæ кæй цæудзысты дыууæ къуырийы, 31 декабрæй 14 январмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0