Гафез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 43 сæр

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 43 сæр
Рафыссын
Хуры цæст цыма ног пырд къуымбилты ныххауд, уыйау нæ зыны. Уазал дымгæ ма комæй æрбаулæфы, лæджы буар сæлхысчъытæ кæны, фæлæ уайтагъд дæлобаумæ йæхи айсы æмæ уым бамыр вæййы.
Фос дæр уалдзæджы æрцыд базыдтой. Нал лæууынц кæрты, сызнæт æмæ сфыдархайд сты. Холлаг рæстмæ нал хæрынц.
Местор краны донæй йæ къухтæ æхсы. Иæ армытъæпæнтæ цæрæнбонты дæр скъуыдтæ æмæ лыгтæ сты, цыма сæ æрвылбон дæр сыджыты дары, уыйау. Се скъуыдтæ гутоны хæххытау сау дарынц. Æмæ уымæ гæсгæ йæ армы тъæпæнтæ бынмæ дары. Хос дæр сын кæны, сойæ дæр сæ сæрды, фæлæ макæ зæгъ, уæддæр сæ уаг нæ ивынц.
Йæ къухтæ æхсад нæма фæци, афтæ йæм Гæрæм фæстæты æрбацыд æмæ йæ сыкъайæ чысыл бариуыгъта. Местор æм фæстæмæ нæ акаст, базыдта, чи уыди, уый, æмæ йæм сдзырдта.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0