Гаглойты Алан радта "Аивæдты сгуыхт архайæг"-ы ном Галаты Фонды гендиректорæн

© Sputnik / Наталья АйриянГалаты Борисы хæдзар-музей
Галаты Борисы хæдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 окт – Sputnik. Галаты Аслан-Гирейы номыл культурæйы Фонды гендиректор Гаглойты Лианайы Хуссар Ирыстоны президенты барамындæй схорзæхджын кодтой "Аивæдты сгуыхт архайæг"-ы номæй.
Барамынд мыхуыргонд æрцыд паддзахады сæргълæууæджы сайтыл.
Нысангонд æрцыд, Гаглойты Лианайæн кадджын ном кæй радтой бирæазон пайдаджын архайды тыххæй Ирыстоны историко-культурон бынты бавæрыны хъуыддаджы æмæ егъау хайбавæрды тыххæй фыдыбæстæйон культурæ æмæ аивады райрæзтмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0