Цхинвалы цур Экопаркы территори ссыгъдӕг кӕндзысты рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы цур Экопаркы территори ссыгъдӕг кӕндзысты рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй
Цхинвалы цур Экопаркы территори ссыгъдӕг кӕндзысты рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 окт – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны экологон организаци "Аланты цъӕх бӕстӕ" бахатыд Хъахъхъӕнынады министрадмӕ, цӕмӕй сын ссыгъдӕг кӕной сӕ Экопаркы территори тӕссаг рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй, фехъусын кодта Sputnik организацийы хистӕр Габайты Залинӕ.
Экопаркы зӕххытӕ сты Цхинвалы цӕгатварс, сӕ бӕрц у 70 гектары.
"Нӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Экопаркы территорийыл цыд гуырдзиаг хотыхджын ӕфсӕдты фӕндаг, кӕцытӕ арӕзтой террористон акттӕ ирон адӕмы ныхмӕ Зары фӕндагыл. Уымӕ гӕсгӕ мах хатӕм, цӕмӕй ӕндӕр уагдӕттимӕ иумӕ ссыгъдӕг кӕной ацы зӕххы фадыг тӕссаг рӕмудзӕн ӕрмӕгӕй", - загъта уый.
Цхинвалы цӕгатварс зӕххы фадыг экологон организацийӕн рахицӕн кодта 2022 азы Цхинвалы районы администраци.
Ног хабӕртты лентӕ
0