УГТ хæстонты ныхмæ СÆО зонæйы фыццаг хатт спайда кодтой огнеметон системæ "Тосочка"-йæ

© Sputnik / Александр Вильф /  Ахизын медиабанкмæТяжелая огнеметная система залпового огня. Архивное фото
Тяжелая огнеметная система залпового огня. Архивное фото  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 окт - Sputnik. Уæззау огнеметон системæ ТОС-2 "Тосочка" скуынæг кодта украинæйаг пехотæйы лæууæн бынат сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы фидаргонд районтæй иуы, фехъусын кодта дыццæджы РИА Новости Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады ныхæстыл æнцойгæнгæйæ.
"Экипаж фехста термобарикон сармадзанæй, æмæ æнтыстджынæй скуынæг кодта ныхмæлæууæджы пехотæйы лæууæн бынат, кæцы уыд фидаргонд районы", - банысан кодтой уагдоны.
Хъахъхъæнынады министрады бафтыдтой, зæгъгæ, Централон æфсæддон зылды радиацион, химикон æмæ биологон хъахъхъæнынады специалисттæ бæрзонд саргъ кодтой уæззау огнеметон системæ "Тосочка"-йы тактикон-техникон характеристикæтæн, уымæн æмæ йын ис фылдæр мобилондзинад, тыхджындæр æхсыны гуырахст, афтæ ма æхсыны фылдæр дæрддзæф æмæ хæстæрмæджыты дырысдзинад.
Ног хабӕртты лентӕ
0