Хуссар Иры омбудсментæ хайад исынц Евразиаг альянсы омбудсменты рабадты

© Анастасия ЛедовскаяХуссар Ирыстоны омбудсментæ исынц хайад Евразиаг альянсы омбудсменты рабадты
Хуссар Ирыстоны омбудсментæ исынц хайад Евразиаг альянсы омбудсменты рабадты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 окт – Sputnik, Тъехты Дзерасса. Хуссар Ирыстоны президенты дæлбар æххæстбарджынтæ адхайадймаджы барты фæдыл æмæ сывæллæтты барты фæдыл Тасойты Инал æмæ Джиоты Аэлита хайад исынц омбудсменты VII Евразиаг альянсы. Рабадт уагъд цæуы Мæскуыйы, темæ "Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ медицинон æххуысы фадыджы адæймаджы бартæ бахъахъхъæнын".
Æрвылхатт хайадисджыты йеддæмæ ма конференцийы хайад райстой Азербайджан, Туркменистан, Турк, Мали, Малави æмæ Беларусæй, афтæ ма Уæрæсейы хицауады æххæстгæнæг органты фадгуытæй минæвæрттæ.
Раныхасмæ рахастой темæтæ: уæрæсейы закъондæттæг гарантитæ æнæниздзинад бахъахъхъæнынæны тыххæй, эвакуацигонд æмæ ног территориты æмбæстæгты сифтонг кæнын хæрзгъæд медицинон æххуысæй, хостæй сифтонг кæнын стæм низ кæуыл ис, ахæм æмбæстæгты, медицинон кусджытæн æххуыс æмæ иууыл хуыздæр фæсарæйнаг практикæтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0