УГТ ракетӕтӕй фехстой рынчындон Алешкаты

© Photo : Пресс-служба главы правительства Херсонской областиУГТ ракетӕтӕй фехстой рынчындон Алешкаты
УГТ ракетӕтӕй фехстой рынчындон Алешкаты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 окт – Sputnik. Украинӕйаг Гарзджын тыхтӕ (УГТ) знон ӕхсӕвы ракетӕтӕй фехстой централон районон рынчындон горӕт алешкаты ӕмӕ фехӕлдтой амбулаторийы бӕстыхай поселок Новая Маячкайы Херсоны областы, хъусын кӕны РИА Новости.
Областы хицауады сӕрдар Андрей Алексеенкойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, куынӕггонд ӕрцыд районон рынчындоны ӕппӕт медицинон транспорт.
"Абон, Газайы рынчындон скуынӕг кӕныны трагедийы фӕстӕ, УГТ нацисттӕ ракетон ӕхст фӕкодтой Алешкаты централон районон рынчындон ӕмӕ хъӕууон амбулатори поселок Новая Маячкайы. Рынчындоны цӕфы фӕстиуӕгӕн тагъд ӕххуысы 8 хӕдтулгӕйы куынӕггонд ӕрцыдысты", - ныффыста уый йӕ Telegram-каналы.
Алексенко банысан кодта, цӕфты фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ кӕй нӕй, фӕлӕ медицинон ӕххуысы транспорт рынчындоны нал ис.
Ног хабӕртты лентӕ
0