Знауыры районы Метъехы хъæумæ 20 азы дæргъы фыццаг хатт цалцæг кæнынц фæндаг

© Sputnik / Наталья АйриянЗнауыры район
Знауыры район - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 окт – Sputnik, Плиты Фатимæ. Знауыры районы Метъехы хъæумæ цæрæнуатон–коммуналон службæтæ 20 азы дæргъы фыццаг хатт цалцæг кæнынц фæндаг, куыстытæ ныридæгæн сты æлхынцъкæныны стадийыл, фехъусын кодтой Sputnik районы администрацийы пресс-службæйы.
Куыстытæ цæуынц ныр иу мæйæ фылдæр.

"Цалдæр бон ма нæ бахъæудзæн, цæмæй ацы комы фæндæгтæ æмбæлон уагмæ æркæной. Фæндагон инфраструктурæ æмбæлон уагмæ æрцæудзæн Балта, Лопъан, Калет, Цънелис æмæ Метъехы. Метъехы фæндаг æнæхъусдард уыд 20 азы дæргъы, хъæуы уæллаг фарсмæ ссæуæн уыд æрмæстдæр фистæгæй, нæ уыд фæндаг сæ уæлмæрдмæ дæр", - хъусын кæны пресс-службæ районы разамонæг Гобозты Аланы ныхæстæ.

Хуссар Ирыстоны Знауыры районы хъæутæм фæндагарæзтады куыстытæ адарддæр уыдзысты фæззæджы, цалцæг æрцæудзысты ахæм фæндæгтæ дæр, кæцытæ 2023 азы нывæзты нæ уыдысты.
Ног хабӕртты лентӕ
0