Хуссар Иры электроифтонгад нæ æруромдзысты – Къæбысты Ацæмæз

© SputnikКъæбысты Ацæцæмæз
Къæбысты Ацæцæмæз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 окт – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны электроифтонгад кæй æруромдзысты, уый фæдыл информаци раст нæу. Уый тыххæй Sputnik пресс-конференцийы рæстæджы фехъусын кодта Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс-Хуссар Ирыстон"-ы сæргълæууæг Къæбысты Ацæмæз.

"Ивгъуыд къуыри Уæрæсейы Энергетикæйы министрад фехъусын кодта, æввахс рæстæджы энергоресурсты тарифтæ кæй фæфылдæр уыдзысты 7% бæрц доллары курсы фæфылдæры тыххæй. Уый фæдыл Хуссар Ирыстоны Экономикон райрæзты министрад бацæттæ кодта æмæ арвыста фыстæг хицауады сæрдары хæдивæг Александр Новакы номыл, цæмæй ацы ивындзинæдтæ ма хауой республикæмæ. Нырма æнхъæлмæ кæсæм нæ уæрæсейаг коллегæты официалон дзуаппмæ, фæлæ мæ фæнды банысан кæнын, ныртæккæ тариф кæй ис раздæры æмвæзадыл", - загъта уый.

Къæбысты Ацæмæз бахахх кодта, электроэнергийы гуырахст республикæмæ кæй нæ фæкъаддæр кæндзысты.
Ног хабӕртты лентӕ
0