Цхинвалы ССГ ацæудзæн фотоконкурс "Мæ райгуырæн бæстæ"

© Sputnik / Сергей Пятаков /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы ССГ ацæудзæн фотоконкурс "Мæ райгуырæн бæстæ"
Цхинвалы ССГ ацæудзæн фотоконкурс Мæ райгуырæн бæстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 окт - Sputnik. Цхинвалы сывæллæтты сфæлдыстадон Галуаны ацæудзæн республикон фотоконкурс "Мæ райгуырæн бæстæ" Ахуыргæнæджы боны. Хайад райсæн уыдзæн æрмæстдæр скъолайы æххæстгæнæн ахуырады æмæ æххæстгæнæн ахуырады уагдонадты педагогтæн, фехъусын кодта Sputnik ССГ директор Гуыцмæзты Роксана.

"Мах ферох вæййы педагогтæ амонынæй дарддæр ма æндæр хъуыддæгтæм дæр кæй арæхсынц. Ис сын хоббитæ. Ахæм конкурстæ хорз фадат дæттынц сфæлдыстадон потенцал равдисынæн. Конкурс ацæудзæн æртæ номинацимæ гæсгæ: "Мæ Райгуырæн бæстæйы фæлгонцтæ", "Мæ Райгуырæн бæстæйы архитектурæ", "Мæ Райгуырæн бæстæйы æрдз". Бавдыст бадæттæн ис 1 ноябырмæ", - загъта ныхасæмбал.

Гуыцмæзты Роксана бафтыдта ахæм конкурс фыццаг аз кæй нæ уадзынц. Фарон хуындис "Объективы – фæззæг". Фидæнмæ Галуаны нывæсты ис сорганизаци кæнын ноджы иу конкурс республикæйы педагогты курдиаттæн "Зары, цæгъды æмæ кæсы ахуыргæнæг".
Ног хабӕртты лентӕ
0