Турчы ирон фӕсивӕды ахуыр кӕндзысты национ къӕбицы хӕринӕгтӕ цӕттӕ кӕнын

© Sputnik / Александра Алборова Турчы ирон фӕсивӕды ахуыр кӕндзысты национ къӕбицы хӕринӕгтӕ цӕттӕ кӕнын
Турчы ирон фӕсивӕды ахуыр кӕндзысты национ къӕбицы хӕринӕгтӕ цӕттӕ кӕнын  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 окт – Sputnik, Плиты Фатимӕ.Турчы ирон фӕсивӕдӕн бацамондзысты ирон къӕбицы хӕринӕгтӕ цӕттӕ кӕнын, фехъусын кодта Sputnik ирон диаспорӕйы хистӕр Хъуысаты Садреттин.
"Туркаг ирӕтты ӕхсӕнад "Алантӕ" фӕнд кӕны саразын проект ирон къӕбицы академи ӕхсӕнады сконды. Гӕнӕн ис ӕмӕ скуса ног мӕйы. Йӕ бындурыл ахуыр кӕндзысты уӕлибыхтӕ цӕттӕ кӕнын", - загъта уый.
Уый ма бафиппайдта, академийы бындурыл фӕсивӕдӕн амондзысты ирон адӕмы хӕринӕгтӕй туркаг ирӕттӕ кӕй рецепттӕ ферох кодтой, уыдон дӕр.
"Бирӕ хӕринӕгтӕй мах бахъахъхъӕдтам ӕрмӕстдӕр сӕ нӕмттӕ, фӕлӕ сӕ цӕттӕ нал кӕнӕм. Уыдон нымӕцы кас, дзыкка, цыхт. Курсыты ахуыры хъӕппӕрис равдыстой нӕ ансамблы архайджытӕ, уыдонӕй фараст чызджытӕ, цыппар та лӕппутӕ", - бафтыдта Хъуысаты Садреттин.
Уый ма бахахх кодта, фӕсивӕдӕн хӕринӕгтӕ аразын бацамонынӕн баххуыс кӕндзӕн Ӕлбегаты Лейлайы Стамбулы уӕвӕг зындгонд ирон къӕбицы ресторан "Фидджин".
Ног хабӕртты лентӕ
0