Гуырдзыстон цæттæ кæны ядерон хæстмæ, фехъусын кодта бæстæйы ПÆС сæргълæууæг

© Sputnik / Стрингер /  Ахизын медиабанкмæГуырдзыстон цæттæ кæны ядерон хæстмæ, фехъусын кодта паддзахады ПÆС сæргълæууæг
Гуырдзыстон цæттæ кæны ядерон хæстмæ, фехъусын кодта паддзахады ПÆС сæргълæууæг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 окт - Sputnik. Гуырдзыстоны хицауад кусы нывæстыл регионы ядерон хæцæнгарз спайда кæныны ныхмæ, фехъусын кодта Паддзахадон æдасдзинады службæйы (ПӔС) сæргълæууæг Григол Лилуашвили.

"Хицауады къухдариуæгады бын æмæ ПÆС хайадистæй бакуыстгонд æмæ фидаргонд æрцыд архайдты нывæст, уымæ гæсгæ алы уагдонæн дæр фыст æрцыд архайды нывæст, кæцы хуыцау бахизæд, бахъуыды рæстæджы сæххæст кæнын хъæудзæн", - æрхаста Лилуашвилийы ныхæстæ РИА Новости.

Уагдоны сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад нырид æрфыста хосты ралæвæрд цæрджытæн, хос кæнын æмæ экстренон æххуысы схемæ, уыдонимæ иумæ æмбæхсæн бынæттæй сифтонг кæнын дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0