Хуссар Иры ФХМ сæргълæууæг æрдзырдта Никарагуаимæ ахастытыл Мæскуыйы фембæлды рæстæджы

© Photo : Пресс-служба МИД РЮОХуссар Иры ФХМ сæргълæууæг æрдзырдта Никарагуаимæ ахастытыл Мæскуыйы фембæлды рæстæджы
Хуссар Иры ФХМ сæргълæууæг æрдзырдта Никарагуаимæ ахастытыл Мæскуыйы фембæлды рæстæджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Никарагуайы хæларадон ахастыты райрæзтыл æрдзырдтой РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр æмæ никарагуайаг минæвар республикæйы Альба Асусена Торрес Мехия, хъусын кæны хуссарирыстойнаг Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) пресс-службæ.
Фембæлд ацыд майрæмбоны Мæскуыйы, банысан кодтой министрады.
"Баныхасы рæстæджы фарсытæ æрдзырдтой хæларадон хуссарирыстойнаг-никарагуайаг ахастыты дарддæры райрæзтыл", - бахахх кодтой уагдоны.
Уый размæ хъусын кодтой, хуссарирыстойнаг дипломатийы сæргълæууæг кæй æрдзырдта Æввахс Скæсæны уавæрыл Сирийы минæваримæ Уæрæсейы Башар Джаафариимæ, уыцы бон ма Джиоты Æхсар фембæлд УФ æмæ Белорусийы Цæдисон паддзахады госсекретарь Дмитрий Мезенцевимæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0