Хуссар Ирæн фиддонты фæдыл УФ Экономикæйы министрады рабадт ногæй ахастой

© Sputnik / Viktor TolochkoХуссар Ирыстонæн фиддонты фæдыл Минэкономикæйы рабадт ногæй ахастой
Хуссар Ирыстонæн фиддонты фæдыл Минэкономикæйы рабадт ногæй ахастой - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 окт - Sputnik. Уæрæсейы Экономикæйы министрады рабадт ахастой ногæй, хъусын кæны республикæйы хицауады пресс-службæ. Рабадты ныхасы сæр хъуамæ уыдаид Хуссар Ирыстонмæ ласæггæгты фæдыл фиддонтæ.
"Рабадты бон ахастæуыд. Дырыс датæ нырма бæрæг нæу", - радзырдтой майрæмбоны хицауады.
Уæрæсейы хицауад 1 октябры рахаста уынаффæ фæфылдæр кæнын таможнæйон фиддонтæ авд проценты онг æддæмæ ласгæ базайрæгты хыгъдыл. Барамындмæ бахаудта Хуссар Ирыстон дæр. Æргътæ уæлæмæ схизын ма руадзыны тыххæй республикæйы къухдариуæгад ауагъта консультацитæ уæрæсейаг коллегæтимæ проблемæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Экономикæйы министрады сæргълæууæг æрхаста проблемæйы аскъуыддзаг кæнынæн дыууæ варианты: бахæссын ивындзинæдтæ æрхæсгæ барамындмæ, цæмæй Хуссар Ирыстонмæ ма хауа æмæ бахæссын ивындзинæдтæ комкоммæ Базар кæныны бадзырдмæ, цæмæй дарддæр ахæм ситуацитæ мауал фæзына УФ базайрæгтæ Хуссар Ирыстонмæ баласыны рæстæджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0