Ног азы фыццаг æмбисы сцæттæ уыдзæн. Знауыры фæуд кæны бирæуæладзыгон хæдзары арæзтад

© Sputnik / Наталья АйриянЗнауыры район
Знауыры район - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 окт - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы центры 2024 азы фыццаг æмбисы эксплуатацимӕ ратдзысты ӕртыккаг бирӕуӕладзыгон хӕдзар, районмæ бафтдзæн социалон нысанмæ здæхт 18 фатеры. Уый тыххӕй Sputnik-æн радзырдта арӕзтадон компани "Престиж"-ы хистӕр Беппиты Инал.
Нардуатон организацийæн ацы бæстыхай у Знауыры йӕ дыккаг бирӕуӕладзыгон бӕстыхай, уымӕй размӕ ма дзы самадтой ноджы иу ахӕм корпус. Иумæйагæй сисгæйæ та поселочы фæстаг азты рæзы ныр æртыккаг корпус Инвестицион нывæсты фæлгæтты.
"Куыстыты сæйраг хай баххæст кодтам. Рæстæг нын фаг ис, тагъд кæнын нæ нæ хъæуы. Арæзтады фæуд нысан у 2024 азмæ. Уымæ гæсгæ, кæцыдæр куыстытæ баххæст кæндзыстæм ног азы фыццаг æмбис. Асфальт æвæрын уазал рæстæджы нæ хъæуы, мидæггагон куыстытæн дæр хуыздæр у, цæмæй къултæ дзæбæх басур уой", - загъта Беппиты Инал.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ног хӕдзары уыдзӕн ӕдӕппӕтӕй 18 фатеры, уыдонæй æхсæз æртæуатон, аннæтæ - дыууæуатон.
Ног хабӕртты лентӕ
0