Гаглойты Алан фӕивта Хуссар Иры хицауады структурӕ ӕмӕ сарӕзта кадрон ивындзинӕдтӕ

© Sputnik / Аслан ТедеевПрезиденты администраци
Президенты администраци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент бахаста ивындзинӕдтӕ республикӕйы ӕххӕстгӕнӕн органты структурӕмӕ, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Раздӕр куыд хъусын кодтой, афтӕмӕй республикӕйы сарӕзтой фӕллойад ӕмӕ социалон хъахъхъӕнынады министрад.
Хицауады структурӕмӕ бахастой сӕрдары хӕдивӕг – финансты министр ӕмӕ сӕрдары хӕдивӕг – юсстицийы министры бынӕттӕ. Вице-премьер – юстицийы министрӕй снысан кодтой Джиоты Аланы, кӕцы уый размӕ уыд РХИ президенты администрацийы разамонӕг.
© Sputnik / Natalia AiriyanДжиоты Алан
Алан Джиоев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.10.2023
Джиоты Алан
Президенты администрацийы ног разамонӕгӕй снысан кодтой Мӕргъиты Аланы, кӕцы уый размӕ уыд хъӕууон хӕдзарады министр.
© Sputnik / Natalia AiriyanМӕргъиты Алан
Алан Маргиев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.10.2023
Мӕргъиты Алан
Вице-премьер - финансты министрӕй снысан кодтой Тадтаты Дзамболаты, кӕцы уый размӕ куыста вице-премьер – экономикон райрӕзты министрӕй.
© Sputnik / Natalia AiriyanТадтаты Дзамболат
Дзамболат Тадтаев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.10.2023
Тадтаты Дзамболат
Президент ссӕрибар кодта финансты министры бынатӕй Цӕрикъаты Хъазбеджы, уый уыд уагдоны разамонӕг ацы аз апрелӕй фӕстӕмӕ.
РХИ экономикон райрӕзты министрӕй президент снысан кодта Хъотайты Сӕрмӕты, уый размӕ куыста РХИ хицауады аппараты разамонӕгӕй.
© Пресс-служба правительства РЮОХъотайты Сӕрмӕт
Заместитель главы администрации Дзауского района Сармат Котаев  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.10.2023
Хъотайты Сӕрмӕт
Ног хабӕртты лентӕ
0