Хуссар Иры сарӕзтой фӕллойад ӕмӕ социалон хъахъхъӕнынады министрад

© Sputnik / Михаил АвагимовПрезиденты администраци
Президенты администраци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 окт - Sputnik. Фӕллойад ӕмӕ социалон хъахъхъӕнынады министрад арӕзт ӕрцыд Хуссар Ирыстоны – ӕмбӕлон барамынд бафыста республикӕйы президент Гаглойты Алан, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Президент бахаста ивындзинӕдтӕ ӕххӕстгӕнӕн хицауады органты структурӕмӕ ӕмӕ сарӕзта ахсджиаг кадрон ивындзинӕдтӕ", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Ног министрад арӕзт ӕрцыд лигъдӕтты фӕдыл комитеты базӕйыл, уагдонӕн ма радтой социалон ифтонгкӕнынады функцитӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрадӕй.
Президент снысан кодта ног министрады сӕргълӕууӕгӕй Гаглойты Олегы ӕмӕ йӕ ссӕрибар кодта РХИ юстицийы министры бынатӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0