Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæри. Уацмыстæ

Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. БУРИ "ДЗÆНÆТМÆ" КУЫДÆЙ БАХАУД

Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. БУРИ «ДЗÆНÆТМÆ» КУЫДÆЙ БАХАУД
Рафыссын
Цæй, сарæзтай гæххæттытæ? — афарста Уырызмæг колхозы бухгалтеры, фæлæ уый йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта — йæ куыст кодта нымайæн къæбæлтыл.
— Гъей, æз дæумæ дзурын, æз! — ног та сдзырдта Уырызмæг, йæ рихитимæ архайгæйæ, æмæ бухмæ зулаив бакаст.
Уырызмæг мæсты кæнын кæй райдыдта, уый йæ цуры цы дыууæ колхозоны уыдис, уыдон бамбæрстой. Уырызмæг мæсты у, зæгъгæ, уæд йæ рихиты иу ран нал фæуадзы.
Рихитæ — уый стыр ныхас у — нæ бады Уырызмæгыл, уымæн æмæ йын иуырдыгæй ис авд æмæ ссæдз æрдуйы, уыдонæй дæр ссæдз урс, иннæрдыгæй та фараст æмæ ссæдз æрдуйы. Дыууæ рихийы дæр зайынц, фындзы бын цы дыууæ бызычъийы ис, уыдоныл. Уыцы бызычъитæ не 'сты, зæгъгæ, уæд афонмæ.
Æвæццæгæн, сæ кой дæр нал уаид Уырызмæджы рихитæн. Уырызмæг рихитæ рауагъта, йе 'мном нæртон лæджы ныв чиныджы куы федта, уæд.
Дарддæр Епхиты Тæтæрийы радзырдмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0