Хуссар Иры байгом уыдзæн æвзонг нывгæнджыты равдыст "Цхинвал-Санкт-Петербург-Цхинвал"

© Sputnik / Наталья Айриянæвзонг нывгæнджыты равдыст
æвзонг нывгæнджыты равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.10.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 окт – Sputnik. Æвзонг хуссарирыстойнаг нывгæнджытæ бавдисдзысты 60 куысты бæрц "Цхинвал-Санкт-Петербург-Цхинвал" равдыстмæ. Мадзал байгом уыдзæн 25 октябры 14.00 сахатыл Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты, фехъусын кодта Sputnik-æн Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады сурæтгæнæн аивады фæдыл сæйраг специалист Цхуырбаты Джульетта.
"Культурæйы министрад майы Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы æххуысæй сорганизаци кодта равдыст "Цхинвал-Санкт-Петербург" Чехойты Асланы Ног музейы. Мадзал цыд мæйы дæргъы. Ацы равдыст æрластой Хуссар Ирыстонмæ дæр. ХИПУ сразы ацы хъæппæрисыл. Уыдон нын радтой зал æмæ сарæзтой алы уавæртæ мадзал ауадзынæн", - загъта уый.
Сæ куыстытæ бавдисдзысты "Tskhinval 5" сфæлдыстадон къорды нывгæнджытæ: Саулохты Георгий, Дзигойты Карина, Кокойты Мария, Дыгъуызты Мария, Гаглойты Дзерасса, Æлборты Лира, Гуырциаты Элина. Уыдоны фылдæр хай сты аивæдты Лицейы рауагъдонтæ.
Сфæлдыстадон иугонды хайадисджытæй иу Саулохты Георгий банысан кодта, æвзонг мастерты сæйраг хæслæвæрд кæй у ирон культурæ апарахат кæнын.
Равдыстмæ бацæуыны бар ис алкæмæндæр. Уый кусдзæн 9.00 сахатæй 18.00 онг.
Ног хабӕртты лентӕ
0